Уæрæсейаг хæдтæхæг Су-35 бахъахъхъæдта бомбæкалджыты УГТ хæдтæхджытæй

Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 дек - Sputnik. Куынæггæнæг хæдтæхæг Су-35 бахъахъхъæдта бомбæкалджыты УГТ хæдтæхджытæй сæрмагонд операцийы зонæйы. Ныхмæлæуджытæ фæстæмæ аздæхтысты, фехъусын кодтой УФ Хъахъхъæнынады министрады.

"Уыдис ын хæслæвæрд нæ цæвæг къорд хъахъхъæнын. Æфсæддон хæслæвæрд сæххæст кодта æххæстæй. Хæслæвæрд æххæст кæныны рæстæджы разынд ныхмæлæууæджы цæвæг къорд. Бахъавыд уыцы къордмæ, командæйы пункты барамындмæ гæсгæ йæм баввахс ис æмæ йæ милмæ систа. Ныхмæлæууæджы цæвæг къорд æрзылд æмæ йæ хæслæвæрд æххæст кæнын æрурæдта", - радзырдта хæдтæхæг Су-35 тæхæг Иван.

Уæрæсейаг хæдтæхджытæ иууылдæр æрыздæхтысты ратæхæны аэродроммæ, бафтыдта пилот.
Ног хабӕртты лентӕ
0