Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. II хай. XVII сæр

Рафыссын
Таймураз æгъдæутты сæрты кæй ахызт, ома сæ мыггаджы хистæрты ныхас кæй ницæмæ æрдардта, уын тыххæй йæм зæрæдтæ фæхæрам сты æмæ загътой, чындзæхсæвмæ сæ къах дæр нæ бавæрдзысты, зæгъгæ. Уыцы хъуыддаг Таймуразæн зын уыди, фæлæ йæ фæнд нæ аивта.
"Куыд сæ фæнды, афтæ. Ма 'рбацæуæнт. Лæгъстæ сын нæ бакæндзынæн", — хъуыды кодта йæхинымæр.
Сæ бинонтæ ног хæдзармæ æрбалыгъдысты. Ахæм хæдзар саразын, кæй зæгъын æй хъæуы, йæхи бон нæ бауыдаид. Фæлæ йæм колхоз фæкасти, —дур æмæ йын хъæдæрмæг правлени самал кодта.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0