Сау тымыгъ. Цардæй бафсæдут, кæстæртæ

Сау тымыгъ. Цардæй бафсæдут, кæстæртæ
Рафыссын
- Гыцци, ныртæккæ дыууынæм æнусы цæрæм æмæ ма уыцы хъæдын къус аппар. Дунейы алыхуызон агуывзæтæ ис нæ хæдзары æмæ æппынæдзух уыцы хъæдын къус ды та дæ къухы дарыс, - хæлцгæнæнæй райхъуыст æвзонг лæппуйы бустæ хъæлæс.
- Омæ дæ цы хъыгдары, хъæбул? Ды дзы куы нæ фæнуазыс дон, - фæлмæн æм бадзырдта мад.
- Ме ‘мбæлттæ мæм арæх вæййынц, æмæ мæ алыхатт дæр фæмæстæй марынц, музейæ дам æй радавтат? – бахъуыр-хъуыр та кодта лæппу.
- Омæ, хъæбул, дæу куыд фæнды, афтæ. Æппарын æй мæ цæст нæ уарзы, фæлæ йæ скъаппы бавæрдзынæн æмæ йæ нал уындзынæ, гыццы дæ нывонд, - райхъуыст та мады ныхас.
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0