Сау тымыгъ. Цæмæн бауæззау пысылмон лæджы зæрдæ?

Сау тымыгъ. Цæмæн бауæззау пысылмон лæджы зæрдæ?
Рафыссын
Æнкъард зæрдæйы равгимæ уæлбæхæй фæцæйцыд Аргъублийы доны был кæсгон лæппу-лæг Таусултан. Æниу, змæст æмæ хæццæ рæстæджы адæймаджы зæрдæ рухс дæр кæцæй хъуамæ бауа? Дысон изæры, намаз куы скодта, афтæ йæм уæлбæхæй йæ хæдзары дуармæ балæууыд йæ фыййæутты хуыздæр, фыййæуттæн сæ кæстæр – Ибрахим, æмæ йын зæрдæрыстæй фехъусын кодта, абырджытæ та йын йæ фысфосы дзугæй иу дзæбæх хай кæй атæлæт кодтой.
- Фондз фыййауæй сæ ныхмæ бæргæ фæлæууыдыстæм, фæлæ иуæн – дыууæ æфсад. Уыдон дыууадæсæй уыдысты. – Таусултаны раз, сæргуыбырæй лæугæйæ, аххосджыны хъæлæсæй дзырдта æвзонг, æлвæст сауцæст лæппу.
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0