Хъазиты Мелитон. Уацаутæ.  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.12.2023
Хъазиты Мелитон. Алмас. Уацау

АЛМАС. 3 хай

Рафыссын
Алмасы фыццаг нæ бауырныдта, феуæгъд йæ рæхысæй, уый. Æмæ нæ хызт Амырханы фæтæн риуæй. Стæй дзы цыма æвиппайды айрох гæппытæ дæр – асæррæтт кодта иуварс. Æркафыд лæджы алыварс. Ногæй та йæ раззаг дзæмбыйы цыргъ ныхты хыбар-хыбур ссыдис лæджы сæгъдзарм кæрцы риуыл. Ам та агæпп кодта.
Цингæнгæ алыгъд кæрты иу къуымæй иннæмæ. Абысал ма ныры хуызæн æлвæст никуы фæкаст. Фенхъæлдта, ныртæккæ асæррæтт кæндзæнис кауын æмбонды сæрты. Мæхи айсдзæн Цæгат-хъæдмæ. Фæлæ Алмасы стыр дзæмбыты бын рыг скалд, фæзылд фæстæмæ, ныккафыд лæппуйы алыварс, стæй йын йæ раззаг къæхтæ уыцы æвæрд акодта йе уæхсчытыл.
Дарддæр Хъазиты Мелитоны уацау "Алмас"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0