Хъазиты Мелитон. Уацаутæ.  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.12.2023
Хъазиты Мелитон. Алмас. Уацау

АЛМАС. 4 хай

Рафыссын
Амырхан сæ хъустæй баласта тыхæй. Уæд та лæууис? - зоны йæ, йæ мой ныхас загъта, Чизоны, фæбонтæ кæна? Ноджы Алмас сызнат. Бахъырны, йæ рæхысмæ бавналы дæндагæй, стæй та бакæсы Амырханмæ.
Æвæццæгæн, исты æнамонддзинад куы вæййы æрцæуинаг, уæд йæ зæрдæ базоны. Амырхан иудзæвгар алæууыд æнæсымæй, зæхмæ ныккаст, стæй йæ цæстæнгас андæгъд Абысалыл.
- Лæппу, ды лæуу. Куыд? Иунæгæй цæуыс?!
Ауадз лæппуйы æмæ дæм фæкæса! - йæ сины сæртыл хæцгæ, сæ цурмæ рауад Дзыгыда дæр.
- Уæртæ Цæгат-хъæды Гæмæх хохырдыгæй фарс цы мæкъуылтæ ис, кæд уыдонæй ᾿рбадавин, - бакодта ма, йæхиимæ дзурæгау, æмæ ахъæр кодта галтыл.
Дарддæр Хъазиты Мелитоны уацау "Алмас"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0