Хъазиты Мелитон. Уацаутæ.  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.12.2023
Хъазиты Мелитон. Алмас. Уацау

АЛМАС. 5 хай

Рафыссын
Фæлæ иу бон... Æниу, цы иу бон, Амырхан нысан куы ныууагъта, уый дыккаг райсом ыл Къуыбыррихи (æцæг ын уыд рихитæ нæма уыд) рамбæлд уынджы. Уыцы растæй йæм бацыд.
– Уыцы чызгмæ æцæг ныууагътай нысан? – салам дæр ын нæма радта. Йæ фарст фæраздæр.
Амырхан æнхъæл уыдис, арфæтæм æм ныууырдыг æмæ бахудт:
- Дæуæн дæр афон у, фæлæ дæ хъустыл схæц.
Къуыбыррихи йæм иудзæвгар æнæдзургæйæ фæкаст, стæй азылд æмæ, арсау гуым-гуымгæнгæ, ацыд. Фæлæ йын Амырхан йæ хъуыр-хъуырæй "тфу" йеддæмæ ницы бамбæрста æмæ йæ фæстæ каст худгæ.
Дарддæр Хъазиты Мелитоны уацау "Алмас"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0