Хуссар Иры хъæбысæйхæцджытæ хайад райсдзысты ЦКФЗ ерысты

© Sputnik / Екатерина Чеснокова /  Ахизын медиабанкмæГрозный
Грозный - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæгъдибар хъæбысхæсты спортсментæ хайд райсдзысты Цæгат Кавказы федералон зылды (ЦКФЗ) ерысты, фехъусын кодта Sputnik уæгъдибар хъæбысхæсты тренер Коцты Тамерлан.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ЦКФЗ фыццагад ацæудзæн 14-16 январы Цæцæны – хайад дзы райсдзысты 16 азы кары онг спортсментæ.
"Мах цæуæм Цæгат Ирыстоны командæйы сконды. Балцæгтæ ерыстæм нæ спортсментæ райстой РЦИ-Аланийы фыццагады рæстæджы", - загъта тренер.
Коцты Тамерлан ма радзырдта, ерыстæм кæй ацæудзысты Уанеты Дмитрий, Санахъоты Ален, Кокойты Денис, Тедеты Артур, Галуанты Арсæмæг æмæ Бекъойты Валерия.
Ног хабӕртты лентӕ
0