Уæзласæн хæдтулгæты бахизыныл Цæгат Ирмæ гæнæн ис рæстæгмæ сæвæрой тобæ

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæУæзласæн хæдтулгæты бахизыныл Цæгат Ирмæ гæнæн ис рæстæгмæ сæвæрой тобæ
Уæзласæн хæдтулгæты бахизыныл Цæгат Ирмæ гæнæн ис рæстæгмæ сæвæрой тобæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 янв — Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло бахæс кодта профилон министрадтæн цæст æрдарын уæзласæн хæдтулгæтимæ уавæмæ Цæгат Ирыстоны.
Транскам æмæ Æфсæддон-Гуырдзиаг фæндаг æхгæд сты æвзæр боныгъæды тыххæй æмæ зæйтæ æрцæуыны тæссагдзинады тыххæй.
Регионы разамонæг бахæс кодта ссарын уæлæмхасæн бынæттæ сæ парковкæйæн, цæмæй хæдтулгæтæ ма лæууой фæндаггæрæтты.
"Куы бахъæуа, уæд рæстæгмæ сæхгæндзыстæм уæзласæн хæдтулгæты æрбахызт республикæйы территоримæ", - загъта Меняйло.
Фæндæгтæ бакæныны рæстæджы Паддзахадон автоинспекцийæн бахæс кодтой сорганизаци кæнын транспорты змæлд æхсæвыгон, цæмæй фæндæгтыл ма фæзыной пробкæтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0