Гуӕцӕлты Хадзымурӕты банымадтой 2023 азы хуыздӕр тренерыл

© Sputnik / Максим КостьянГуӕцӕлты Хадзымурӕт
Гуӕцӕлты Хадзымурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 янв – Sputnik. Уӕрӕсейы тренер уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Гуӕцӕлты Хадзымурӕты банымадтой 2023 азы хуыздӕр тренерыл РИА Новостийы версимӕ гӕсгӕ.
Хъӕлӕскӕнынад балхынцъ ис 2024 азы 10 январы 15.00 сахатыл.
Уӕрӕсейы тренер уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй райста хъӕлӕсты 34,9% (дыккаг бынатыл ацыд Этери Тутберидзе – 26,7%).
Ирыстоны ноджы иу минӕвар, Сидахъты Зауырбег, бацахста ӕртыккаг бынат "2023 азы хуыздӕр спортсмен"-ы номыл хъӕлӕскӕнынады.
Уӕлахиздзауты хорзӕхкӕныны церемони ацӕудзӕн 2024 азы 30 январы "Россия сегодня"-йы.
Ног хабӕртты лентӕ
0