Сæлбиты Диана: мах æнгом æмгуыстад кæнæм Хуссар Иры сывæллæттимæ

Сæлбиты Диана: мах æнгом æмгуыстад кæнæм Хуссар Ирыстоны сывæллæтимæ
Рафыссын
Цæгат æмæ Хуссар Иры иунæг сывæллæтты журнал "Ногдзау"-ы сæйраг редактор Сæлбиты Диана радзырдта Sputnik сæ архайды тыххæй. Куыд банысан кодта ныхасæмбал арæх сты сæ редакцийы конкурстæ.
"Махмæ æрвыл аз ацæуы литературон конкурс. 2023 азы ацыди цыппæрæм хатт æмæ дзы тынг зæрдиагæй бацархайдтой куыд Цæгат Ирыстоны скъоладзаутæ, афтæ Хуссар Ирыстоны сывæллæттæ дæр", - банысан кодта журналы сæргълæууæг.
Сæлбиты Дианæйы ныхæстæм гæсгæ, журналимæ æмархайд æппæрццагæй æндавы рæзгæ фæлтæрыл, бирæйы та бафтын кæны мадæлон æвзагимæ куыстыл дæр, ахæм дæнцæгтæ сæм ис.
Фидæны нывæстытыл дзургæйæ, иунæг национ сывæллæтты журналы редактор радзырдта йæ фæндондзинадыл сывæллæттæн чиныг рауадзын.
Дарддæр æмæ бæстондæрæй интервьюмæ байхъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0