УФ ӕмӕ Хуссар Ир аивтой хъалонтӕ уӕрӕсейаг ӕртаг ӕмӕ газы экспортыл

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæТаможнӕ
Таможнӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 янв – Sputnik. Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстон 10 январӕй аивтой таможнӕйон хъалонтӕ республикӕмӕ уӕрӕсейаг ӕртаг ӕмӕ газы экспортыл. Бадзырдмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл барамынд ныммыхуыр кодтой барадон актты порталы.
Афтӕ ма аивтой таможнӕйон хъалонтӕ пластмассӕ ӕмӕ уыдонӕй арӕзт ӕрмӕджытӕй, аллюмини ӕмӕ сау згъӕрӕн ӕмӕ ма къорд металлургон продукцийӕн. Уыимӕ иумӕ хъалонтӕ ивд цӕуынц ӕрмӕстдӕр ахӕм гуырахстӕн, кӕцыйыл бадзырдтой бӕстӕтӕ. Ацы гуырахстӕй фылдӕр пайда кӕнынц ставкӕйӕ, кӕцы архайы Уӕрӕсейы.
Документ бафыстой Мӕскуыйы 2023 азы 30 декабры, йӕ тыхы та бацыд 2024 азы 10 январӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0