Хуссар Иры æфсæддонтæ бакуыстой экстремалон зымæгон уавæрты архайды тактикæйыл

© Photo : Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Иры æфсæддонтæ
Хуссар Иры æфсæддонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 янв - Sputnik. Мулдарты Зелимы номыл сæрмагонд нысаниуæджы батальоны æфсæддонтæ хуыздæр кæнынц сæ хæстон курдиат Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон полигоны, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
"Уæлдай хъусдард здæхт цæуы сæрмагонд цæттæкæнынадмæ, афтæ ма экстремалон зымæгон уавæрты архайдтытæм", - банысан кодтой министрады.
Хæстонтæ ма бакуыстой профессионалон зонындзинæдтыл æхсынæй, физикон æмæ тактикон цæттæдзинадæй, æфсæддон топографийæ. Быдырон ахуыртæ уагъд цæуынц батальоны командæгæнджытæ æмæ ахуырадон центры офицерты къухдариуæгады бын.
Ног хабӕртты лентӕ
0