Цæгат Иры арæзт цæуы дыккаг национ туристон маршрут

© Sputnik / Азамат КулумбеговДыгургом
Дыгургом - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 янв – Sputnik. Цæгат Ирыстон цæттæ кæны ног националон туристон маршруты арæзтадмæ, кæцы æрбаиу кæндзæн Дыгургом, цы ран ис бирæнымæц культурон-историон цыртдзæвæнтæ.
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй ацы скъуыддзаг райстæуыд премьер Дзанайты Борисы къухдариуæгады бын рабадтыл. Туризмы комитеты разамонæг Коцты Сослан банысан кодта, ныртæккæ республикæйы кæй ис маршрут "Ирыстон ссис æввахсдæр", кæцы æрбаиу кодта регионы сæйраг фендтаг бынæттæ.
Паддзахадон реестр срегистраци кодта культурон бынты 690 цыртдзæвæны Цæгат Ирыстоны, уыдонæй 411 ис федералон нысаниуæг, 279 та – регионалон.
Ног хабӕртты лентӕ
0