Хуссар Иры УУМ ирвæзынгæнджытæ хайад райсдзысты турниры Белорусийы

© Пресс-служба МЧС РЮОХуссар Иры УУМ
Хуссар Иры УУМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады командæ (УУМ) хайад райсдзæн æрвылазон гом турниры зынгфæдисон-ирвæзынгæнæн дæлхайæдты æхсæн Бобруйскы, кæцы нывонд у Белорусийы ирвæзынгæнæджы Бонæн, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
Турнир цæудзæн 17-20 январы æмæ æрæмбырд кæндзæн 14 командæйы. Хуссар Ирыстоны командæйы сæргъ лæууы министры хæдивæг, мидæггагон службæйы булкъон Захарты Алан.
"Ерысты программæйы ис цалдæр спортивон æмæ профессионалон дисциплинæйы. Хуссар Ирыстон, Абхаз, Уæрæсе æмæ Белорусийы командæтæ стох кæндзысты мини-футболæй, волейболæй æмæ зынгфæдисон спортæй", - банысан кодтой уагдоны.
Турнир дыууын азы дæргъы уагъд цæуы, цæмæй сфидар кæна æмгуыстад æмæ кæрæдзи æмбарынад хæларадон бæстæты æхсæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0