https://sputnik-ossetia.com/20240116/msnk-komandgndzhyt-khygdlvrd-radtoy-mkhm-kukhdariugadn-2023-azy-kuysty-tykhkhy-27632786.html
МСНК командæгæнджытæ хыгъдлæвæрд радтой МХМ къухдариуæгадæн 2023 азы куысты тыххæй
МСНК командæгæнджытæ хыгъдлæвæрд радтой МХМ къухдариуæгадæн 2023 азы куысты тыххæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 16 янв - Sputnik. Гæззаты Вадимы номыл Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды (МСНК) кусджытæ ивгъуыд аз 300 хатты ацыдысты инженерон-саперон... 16.01.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-01-16T15:33+0300
2024-01-16T15:33+0300
2024-01-16T15:33+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры мхм
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/01/08/11654201_0:85:2401:1435_1920x0_80_0_0_b245327f6fe51dc0c33d54b42a8431d5.jpg
ЦХИНВАЛ, 16 янв - Sputnik. Гæззаты Вадимы номыл Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды (МСНК) кусджытæ ивгъуыд аз 300 хатты ацыдысты инженерон-саперон разысгарстмæ, дæлхайады хисæрмагонд сконд ма хайад иста æхсæнадон фæтк хъахъхъæныны культурон-массон, спортивон æмæ динон мадзæлтты рæстæджы. Уый тыххæй къорды командæгæнæджы хæдивджытæ радзырдтой Хуссар Ирыстоны МХМ къухдариуæгадæн 2023 азы куыстæн хыгъдлæвæрд дæтгæйæ, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.МСНК кусджытæ 2023 азы фондз мин хаттæй фылдæр рахызтысты службæмæ, рейдты рæстæджы та байстой æнæзаконон хæцæнгарзы æхсæз иуæджы.Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Гуыцмæзты Алан саргъ кодта МСНК куыстæн, куыд рæстæмбис, афтæ ма сын банысан кодта сæ куысты фиппаинæгтæ, кæцытæ æвæстиатæй хъæуы аиуварс кæнын. Уымæй дарддæр министр бахахх кодта, ахсджиаг кæй у саразын уавæртæ æвзонг кусджытæн карьерон асиныл уæлæмæ хизынæн.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/01/08/11654201_0:0:2133:1600_1920x0_80_0_0_94913effd870441c51eddb79539fdb3a.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
МСНК командæгæнджытæ хыгъдлæвæрд радтой МХМ къухдариуæгадæн 2023 азы куысты тыххæй
ЦХИНВАЛ, 16 янв - Sputnik. Гæззаты Вадимы номыл Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды (МСНК) кусджытæ ивгъуыд аз 300 хатты ацыдысты инженерон-саперон разысгарстмæ, дæлхайады хисæрмагонд сконд ма хайад иста æхсæнадон фæтк хъахъхъæныны культурон-массон, спортивон æмæ динон мадзæлтты рæстæджы. Уый тыххæй къорды командæгæнæджы хæдивджытæ радзырдтой Хуссар Ирыстоны МХМ къухдариуæгадæн 2023 азы куыстæн хыгъдлæвæрд дæтгæйæ, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
МСНК кусджытæ 2023 азы фондз мин хаттæй фылдæр рахызтысты службæмæ, рейдты рæстæджы та байстой æнæзаконон хæцæнгарзы æхсæз иуæджы.
"Сæрмагонд къорды хæстонтæ хайад истой алыгъуызон ерысты, цы ран ссисты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ. Иу хæстон та сæххæст кодта спорты мастеры норматив пауэрлифтинг æмæ тыхон экстримæй", - банысан кодта дæлхайады командæгæнæджы хæдивæг.
Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Гуыцмæзты Алан саргъ кодта МСНК куыстæн, куыд рæстæмбис, афтæ ма сын банысан кодта сæ куысты фиппаинæгтæ, кæцытæ æвæстиатæй хъæуы аиуварс кæнын. Уымæй дарддæр министр бахахх кодта, ахсджиаг кæй у саразын уавæртæ æвзонг кусджытæн карьерон асиныл уæлæмæ хизынæн.