Хуссар Иры командӕ ӕрцыд Белорусимӕ ирвӕзынгӕнджыты турниры хайад райсынмӕ

© Sputnik / Михаил АвагимовХуссар Иры УУМ
Хуссар Иры УУМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) командӕ ӕрцыд Белорусимӕ, цӕмӕй хайад райса зынгфӕдисон ирвӕзынгӕнджыты турниры, фехъусын кодта Sputnik-ӕн уагдоны разамонӕджы хӕдивӕг, мидӕггагон службӕйы булкъон Захарты Алан. Уый банысан кодта, ирвӕзынгӕнджытӕ кӕй ӕрцыдысты ӕхсӕвы, ӕртыццӕджы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы халӕппӕрст.
"Турниры, кӕцы цӕудзӕн 20 январы онг, хайад райсдзысты 14 командӕйы. Программӕ зонӕм. Авд адӕймаджы скондӕй командӕ тох кӕндзӕн цыппар дисциплинӕйы: мини-футбол, волейбол, зынгфӕдисон спорт ӕмӕ канат ивазынӕй", - загъта Захарты Алан.
Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны командӕ цӕттӕ у ӕмбулынмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0