Хуссарирыстойнаг фыссӕг бахаудта престижон уӕрӕсейаг литературон премийы лонглистмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянТадтаты Тамерлан
Тадтаты Тамерлан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 янв - Sputnik. Хуссарирыстойнаг фыссӕг Тадтаты Тамерлан бахызт "Литературон газет"-ы фыццаг сӕйраг редактор Антон Дельвигы номыл ӕрвылазон преми "За верность Слову и Отечеству"-йы лонглистмӕ.
Фыссӕг хайад исы номинаци "Художественное слово и публицистика"-йы йӕ радзырдты ӕмбырдгонд "Ангел Бесы"-имӕ. Чиныджы ис радзырдтӕ Цхинвалы хӕсты тыххӕй, горӕты цӕрджыты тыххӕй. Уыдон сты радзырдтӕ уарзондзинад, тас ӕмӕ ӕвирхъаудзинӕдты тыххӕй. Ацы цауты ӕвдисӕн ӕмӕ хайадисӕг уыд автор йӕхӕдӕг.
"Алкӕцы фыссӕгӕн дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кадджын у бахауын литературон конкурстӕм ӕмӕ бацахсын бынӕттӕ лонглисты. Уый фӕдыл ӕз дӕн тынг райгонд", - загъта Тадтаты Тамерлан.
Фыссӕг бузныг загъта ӕххуысы тыххӕй журнал "Дарьял"-ы сӕйраг редактор Цхуырбаты Аланайӕн, "Литературон газет"-ы сӕйраг редактор Максим Замшевӕн, Уырыссаг литературон ӕхсӕнад ӕмӕ "Литературон газет"-ы пресс-секретарь Вероника Одинцовайӕн, афтӕ ма Уырыссаг литературон ӕхсӕнады къухдариуӕгады минӕвӕрттӕ Александра ӕмӕ Александр Чистяковтӕн.
Вероника Одинцовайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, къуырийы фӕстӕ рабӕрӕг уыдзысты автортӕ, кӕцытӕ бахызтысты шорт-листмӕ, ӕмӕ 26-27 январы та ацӕудзӕн хорзӕхкӕныны бӕрӕгбонон церемони.
Ног хабӕртты лентӕ
0