Хуссар Иры МХМ фæтыхджындæр кæндзæн æдасдзинады мадзæлттæ Дзуарæфтыды бонты

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны МХМ кусджытæ хъахъхъæндзысты æмбæстæгты æдасдзинад Хуыцауы Дзуарæфтыды цытæн мадзæлтты рæстæджы, фехъусын кодтой уагдоны пресс-службæйы.
Бæрæгбонон мадзæлттæ ацæудзысты 18 æмæ 19 январы республикæйы аргъуанты.
Нысангонд æрцыд, æдасдзинад сæххæст кæныны нысанæн республикæйы аргъуантæ æмæ донаргъуыды бынæттæ басгардзысты МСНК инженерон-техникон хайады кусджытæ. Афтæ ма бахизæнты сæвæрдзысты контролон-уадзæн пункттæ.
Уымæй дарддæр арæнæвæрдтæ сæвæрдзысты хæдтулгæты змæлдыл цалдæр уыныл. 18 январы 21.00 сахатæй фæстæмæ Паддзахадон автоинспекци сараздзæн иуварсон змæлд Джиоты Аланы проспектыл Фырсыгъдæг Æртæиуоны аргъуаны цур.
19 январæй 09.00 сахатæй сæрмагонд барамынды онг ПАИ кусджытæ сæхгæндзысты Сæрибардзинад фæзуат æмæ уынгты алвæндæгтæ: Ирæтты – Фыццæгæм майы, Ирæтты – Кимы, Ирæтты – Путины, Путины – Цоциты.
Ног хабӕртты лентӕ
0