Хуссар Иры нысан кæнынц Хуыцауы Дзуарæфтыд

© Sputnik / Виталий Невар /  Ахизын медиабанкмæДзуарæфтыд
Дзуарæфтыд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 янв – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны майрæмбоны нысан кæнынц иууыл сæйрагдæр рæстдинон бæрæгбонтæй иу – Хуыцауы Дзуарæфтыд. Цхинвалы Фырсыгъдæг Æртæиуоны аргъуаны дысон æрдæгæхсæв райдыдта Хуыцаумæ скуывд, кæцы сæххæст кодта фыд Сергий.
Мадзал бабæрæг кодтой Хуссар ирыстоны президент Гаглойты Алан, хицауады уæнгтæ æмæ парламенты депутаттæ.
Республикæйы сæргълæууæг раарфæ кодта цæрджытæн бæрæгбоны цытæн æмæ сын йæ зæрдæ загъта фидар æнæниздзинад, сабырад æмæ кæрæдзи æмбарынад.
"Абон Хуссар Ирыстоны цæрджытæ нысан кæнынц стыр бæрæгбон. Ацы бон мæ зæрдæ зæгъы республикæйы æппæт цæрджытæн хæрзæбон, нæ æфсымæртæн та, кæцытæ хайад исынц сæрмагонд æфсæддон операцийы, сæрыгасæй æрыздæхт сæ хæдзæрттæм", - бахахх кодта Гаглойты Алан.
Хуыцаумæ скуывды фæстæ Дменисы хъæуы Чысыл Леуахийы ацыд донаргъуыд. Мадзалы рæстæджы адæмы æдасдзинад æххæст кодтой Уæлвæткон уавæрты министрад æмæ тагъд æххуысы кусджытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0