Цӕгат Иры 60 бирӕфатерон хӕдзары сцалцӕг кӕндзысты 2024 азы

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæЦӕгат Иры 60 бирӕфатерон хӕдзары сцалцӕг кӕндзысты 2024 азы
Цӕгат Иры 60 бирӕфатерон хӕдзары сцалцӕг кӕндзысты 2024 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 янв – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ацы аз нывӕндынц сцалцӕг кӕнын 60 бирӕфатерон хӕдзары, фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
"2024 азы сцалцӕг кӕндзыстӕм 60 бирӕфатерон хӕдзары. 34 хӕдзары капиталон цалцӕгимӕ раивдзыстӕм лифттӕ, ӕдӕппӕтӕй 2025 азмӕ нывӕндӕм раивын ноджы 150 лифты", - фехъусын кодта Меняйло йӕ Telegram-каналы.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ивгъуыд аз республикӕйы капиталон цалцӕджы регионалон Фонд сцалцӕг кодта 79 хӕдзары.
Сергей Меняйло бафтыдта, зӕгъгӕ, республикӕйы хъӕуы сцалцӕг кӕнын 2641 хӕдзары 2038 азмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0