Ирыстойнаг хъæбысæйхæцджытæ хайад райсдзысты æхсæнадæмон турниры – Иван Ярыгины Кубокы

© Photo : "15-й Регион"Ирыстойнаг хъæбысæйхæцджытæ
Ирыстойнаг хъæбысæйхæцджытæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 янв - Sputnik. Красноярскы ацæудзæн æхсæнадæмон турнир – Иван Ярыгины Кубок, кæцыйы хайад райсдзысты ирон хъæбысæйхæцджытæ. Уый тыххæй хъусын кæны Сергей Меняйлойы Telegram-канал.
Ацы турнирæн ис егъау æмæ нысаниуæгджын истори. Уæрæсейы ацы турнирæй райдайы хъæбысхæсты сезон. Ацы ерысты уæлахиз фадат дæтты спортсментæн хайад райсын егъау æхсæнадæмон турнирты.
Ацы аз Уæрæсейы командæйы сконды Цæгат Ирыстонæй турнирмæ ацæудзысты 30-æй фылдæр спортсмены. Ерыстæм æрцæудзысты хъæбысæйхæцджытæ 10-æй фылдæр бæстæйæ.
Ярыгины Кубок алыгъуызон азты рамбылдтой ахæм номдзыд ирон хъæбысæйхæцджытæ, куыд Рæмонаты Сослан, Сидахъты Зауырбег æмæ æндæртæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0