Хуссар Иры ФХМ тæфæрфæс ракодта Уæрæсейы минæварæн теракты фæдыл Донецкы

© Sputnik / Виктория Веленская /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры ФХМ тæфæрфæс ракодта Уæрæсейы минæварæн теракты фæдыл Донецкы
Хуссар Иры ФХМ тæфæрфæс ракодта Уæрæсейы минæварæн теракты фæдыл Донецкы  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад (ФХМ) тæфæрфæс ракодта Уæрæсейы Федерацийы адæмæн Донецкы теракты фæдыл, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты бирæнымæц сабыр цæрджытæ.
ФХМ разамонæг Джиоты Æхсар æрбарвыста тæфæрфæсы нотæ Уæрæсейы минæвар республикæйы Марат Кулахметовæн.
"Уæззау зæрдæимæ сæмбæлдтæн хъусинагыл Донецкы террористон акты тыххæй, цы ран Киевы режимы хæстонты æвирхъау атакæйы фæстиуæгæн фæмард сты бирæнымæц сабыр цæрджытæ", - хъусын кæны Джиоты Æхсары ныхæстæ уагдоны пресс-службæ.
Джиоты Æхсар бахахх кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон, кæцыйы ныхмæ Гуырдзыстон бирæ хатт æххæст кодта террор, карзæй азымджын кæны ацы фыдракæнды организаторты.
Ног хабӕртты лентӕ
0