https://sputnik-ossetia.com/20240122/khussar-iry-mkhm-radzyrdtoy-ivguyd-kuyriyy-operativon-uavry-tykhkhy-27700330.html
Хуссар Иры МХМ радзырдтой ивгъуыд къуырийы оперативон уавæры тыххæй
Хуссар Иры МХМ радзырдтой ивгъуыд къуырийы оперативон уавæры тыххæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 22 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны территорийыл ивгъуыд къуыри регистрацигонд æрцыд дыууæ фыдракæнды, уыдонæй иу раргом кодтой мидхъуыддæгты органтæ... 22.01.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-01-22T14:25+0300
2024-01-22T14:25+0300
2024-01-22T14:25+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры мхм
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0c/0f/27269075_0:0:1280:720_1920x0_80_0_0_15c5d23387210d77fd5d742dac2a4184.jpg
ЦХИНВАЛ, 22 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны территорийыл ивгъуыд къуыри регистрацигонд æрцыд дыууæ фыдракæнды, уыдонæй иу раргом кодтой мидхъуыддæгты органтæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.Кардæй цæфЦхинвалы мидхъуыддæгты хайадмæ æрбацыд хъусинаг, Республикон бирæпрофилон медицинон центрмæ кæй æрбакодтой нæлгоймаджы буары цæфтимæ.Оперативон-сгарæн къорд, кæцы æрбацыд цауы бынатмæ, сбæрæг кодта, Цхинвалы 20-аздзыд цæрæджы кардæй кæй ныццавтой республикæйы дыууæ цæрæджы.Милицийы кусджытæ æрцахстой зæрдæхсайгæты. Хисæрмагонд басгæрсты рæстæджы уыдонæй иумæ ссардтой æмæ райстой "Лирика" æмæ "Трамадол"-ы капсулæтæ, афтæ ма наркотикон буарад "гæн".Нæлгоймаг не сразы рацæуын медицинон басгæрст наркотикон буарадтæй пайда кæныны фæдыл. Тæрхондон æй æфивар кодта 8 мин сомы бæрц.ФыдгæнджытæСтолицæйы мидхъуыддæгты хайадмæ æрбадзырдта республикæйы 20-аздзыд цæрæг æмæ фехъусын кодта, 17 январы дыууæ æнахъомы кæй ныппырх кодтой йæ хæдтулгæйы æвгтæ.Милицийы кусджытæ сбæрæг кодтой зæрдæхсайгæты. Уыдон разындысты Цхинвалы 15 æмæ 17-аздзыд цæрджытæ. Æрæмбырдгонд æрмæг æнахъомты фæдыл барвитдзысты æнахъомты хъуыддæгты фæдыл къамисмæ.Республикæйы фæндæгтыл уавæрПаддзахадон автоинспекцийы кусджытæ рейдон мадзæлтты рæстæджы сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 186 фæтткхалды. Æхсæз шофыры фæдыл сарæзтæуыд административон протоколтæ автотранспорт нозтджынæй скъæрыны тыххæй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0c/0f/27269075_160:0:1120:720_1920x0_80_0_0_386252611d45647d5cfd69c21581876d.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
ЦХИНВАЛ, 22 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны территорийыл ивгъуыд къуыри регистрацигонд æрцыд дыууæ фыдракæнды, уыдонæй иу раргом кодтой мидхъуыддæгты органтæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Цхинвалы мидхъуыддæгты хайадмæ æрбацыд хъусинаг, Республикон бирæпрофилон медицинон центрмæ кæй æрбакодтой нæлгоймаджы буары цæфтимæ.
Оперативон-сгарæн къорд, кæцы æрбацыд цауы бынатмæ, сбæрæг кодта, Цхинвалы 20-аздзыд цæрæджы кардæй кæй ныццавтой республикæйы дыууæ цæрæджы.
Милицийы кусджытæ æрцахстой зæрдæхсайгæты. Хисæрмагонд басгæрсты рæстæджы уыдонæй иумæ ссардтой æмæ райстой "Лирика" æмæ "Трамадол"-ы капсулæтæ, афтæ ма наркотикон буарад "гæн".
Нæлгоймаг не сразы рацæуын медицинон басгæрст наркотикон буарадтæй пайда кæныны фæдыл. Тæрхондон æй æфивар кодта 8 мин сомы бæрц.
Столицæйы мидхъуыддæгты хайадмæ æрбадзырдта республикæйы 20-аздзыд цæрæг æмæ фехъусын кодта, 17 январы дыууæ æнахъомы кæй ныппырх кодтой йæ хæдтулгæйы æвгтæ.
Милицийы кусджытæ сбæрæг кодтой зæрдæхсайгæты. Уыдон разындысты Цхинвалы 15 æмæ 17-аздзыд цæрджытæ. Æрæмбырдгонд æрмæг æнахъомты фæдыл барвитдзысты æнахъомты хъуыддæгты фæдыл къамисмæ.
Республикæйы фæндæгтыл уавæр
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ рейдон мадзæлтты рæстæджы сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 186 фæтткхалды. Æхсæз шофыры фæдыл сарæзтæуыд административон протоколтæ автотранспорт нозтджынæй скъæрыны тыххæй.