Хуссарирыстойнаг æрмхæцджытæ ссисты Цæгат Иры чемпионаты уæлахиздзаутæ

© Flickr / istolethetvАрмрестлинг
Армрестлинг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 янв – Sputnik. РЦИ-Аланийы чемпионаты армрестлингæй æртæ хуссарирыстойнаг æрмхæцæджы ссисты уæлахиздзаутæ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты пресс-службæ.
Армрестлингæй ерыстæ цыдысты Дзæуджыхъæуы 20 æмæ 21 январы.
"Фыццаг бынат 80 кг категорийы бацахста Хæбæлаты Арсен. Гасситы Сослан рамбылдта сыгъзæрин майдан 110 кг уæзы категорийы. Ацы уæзы категорийы ма æртыккаг бынатыл ацыд Бететы Алан", - дзырдæуы хъусинаджы.
Комитеты ма банысан кодтой, ерысты фæстиуджытæм гæсгæ спортсментæ кæй бахиздзысты Цæгат Ирыстоны командæйы скондмæ.
© Photo : Из личного архива тренера В. ДжиоеваГасситы Сослан æмæ Хæбæлаты Арсен
Сослан Гассиев и Арсен Хабалов - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.01.2024
Гасситы Сослан æмæ Хæбæлаты Арсен
Ног хабӕртты лентӕ
0