Путин бафыста барамынд бирæсывæллонджын бинонты статусы тыххæй Уæрæсейы

© Sputnik / Михаил Климентьев /  Ахизын медиабанкмæВладимир Путин
Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 янв - Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин бафыста брамынд "Бирæсывæллонджын бинонтæн социалон æххуысы мадзæлтты фæдыл", æмæ снысан кодта, бирæсывæллонджын бинонтæ кæй сты æртæ æмæ фылдæр сабитæ кæм ис, уыцы бинонтæ, хъусын кæны РИА Новости.
"Бинонты асхджиаг бынæт хынцгæйæ паддзахад æмæ æхсæнады райрæзты, сфидар кодтон: снысан кæнын, Уæрæсейы бирæсывæллонджын бинонтæ кæй сты, æртæ æмæ фылдæр сабитæ кæм ис, уыцы бинонтæ. Бирæсывæллонджын бинонтæн социалон æххуысы мадзæлттæ дæтдзысты цалынмæ хистæр сывæллоныл 18 азы сæххæст уа, уæдмæ, кæннод та 23 азы онг, кæд уый цæуы уæлдæр ахуырадмæ", - дзырдæуы барамынды тексты.
Документмæ гæсгæ ма Уæрæсейы хицауад сфидар кæндзæн бирæсывæллонджын бинонты бæлвырдгæнæн гæххæтты иунæг хуызæг.
Ног хабӕртты лентӕ
0