Уæрæсейаг травматолог-нейроортопед ауагъта зын операцитæ сывæллæттæн Цхинвалы

© Sputnik / Михаил АвагимовСывæллæтты рынчындон
Сывæллæтты рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 янв – Sputnik. Цхинвалы Республикон бирæпрофилон медицинон центры æвджид сывæллæтты рынчындоны травматолог-нейроортопед, медицинон зонæдты кандидат Цыбырты Георгий ауагъта æртæ зын операцийы æмæ консультаци радта 30 сывæллонæн неврологон профилы низтимæ, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад.
Уæрæсейаг специалист æрцыд республикæмæ январы æмбис æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Джыгкайты Томасы æрхуындæй.
"Республикæйы уæвынады рæстæджы травматолог-нейроортопед ауагъта æртæ зын операцийы, афтæ ма консультаци радта 30 чысыл пациентæн", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.
Министрады куыд банысан кодтой, афтæмæй пациенттæй бирæты хъæуы хирургон хоскæнынад, операцитæ нывæстгонд сты февральмæ æмæ сæ сараздзысты Цхинвалы сывæллæтты рынчындоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0