Хуссар Иры хицауад финансон æххуыс бакæндзæн æмбæстагæн, кæцыйæн басыгъд йæ хæдзар

© Sputnik / Михаил АвагимовХицауады рабадт
Хицауады рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 янв – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад радон рабадтыл рахаста скъуыддзаг, цæмæй 100 мин сомы бæрц материалон æххуыс бакæной Къусреты хъæуы цæрæг Галуанты Герсанæн, кæцы мулк зиан баййæфта зынгсирвæзты рæстæджы ивгъуыд аз 22 декабры.
Хицауад рахаста уынаффæ, цæмæй финансон фæрæзтæ рахицæн кæной йæ фæсауæрцон фондæй.
Хуссар Ирыстоны УУМ декабры куыд хъусын кодта, афтæмæй зынгсирвæзт æрцыд Къусреты хъæуы, цы ран æнæхъæнæй басыгъд хисæрмагонд хæдзар, æмæ цыппар адæймаджы скондæй бинонтæ баззадысты æнæ цæрæнуатæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0