Гаглойты Алан раарфæ кодта студенттæн сæ бæрæгбоны цытæн

© Sputnik / Natalia AiriyanСтуденты бон ХИПУ-йы
Студенты бон ХИПУ-йы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 янв - Sputnik. Студентон азтæ сты царды бæрнон æмæ ирд период, диссаджы рæстæг алыгъуызон хъуыдытæ æмæ проекттæ реализаци кæнынæн, банысан кодта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан йæ арфæйы ныхасы студенттæн сæ бæрæгбоны цытæн.
"Студентон азты бындур æвæрд цæуы фидæны æнтыстытæн. Сымах бахызтыстут уæззау, фæлæ цымыдисон фæндагмæ, æмæ ХИПУ, кæцы алыхаттдæр зындгонд уыд ахуырады бæрзонд æмвæзадæй, хорз ахуыргæнджытæ æмæ курдиатджын студенттæй, уыдзæн иттæг хорз фæзуат сæрмагонд æмæ карьерон рæзтæн. Сымах æмæ не ‘мбæстæгтыл, кæцытæ ахуыр кæнынц Уæрæсейы Федерацийы ахуыргæнæндæтты, баст у нæ Фыдыбæстæйы сомбон", - банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.
Гаглойты Алан фидарæй загъта, хуссарирыстойнаг студенттæ кæй уыдзысты хорз спецаилисттæ æмæ алцыдæр араздзысты, цæмæй аккаг хайбавæрд бахæссой Хуссар Ирыстоны райрæзтмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0