Цхинвалы мэрия сиды "Мæскуыйаг"-ы цæрджытæм, цæмæй саразой социалон арендæйы бадзырд

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 янв - Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы администраци сиды "Мæскуыйаг" микрорайоны цæрджытæм, цæмæй бафыссой горæты къухдариуæгадимæ социалон арендæйы бадзырдтæ, фехъусын кодта журналисттæн Цхинвалы мэр Хуыгаты Ромео.
"Мах сидæм "Мæскуыйаг" микрорайоны цæрджытæм, цæмæй горæты администрациимæ бафыссой социалон арендæйы бадзырд, æмæ фидæны уыдонæн фадат уыдзæн приватизаци скæнын сæ цæрæнуат", - загъта Хуыгаты Ромео.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, куыст цæуы цалдæр азы дæргъы æмæ цæрджыты хай ныридæгæн æрбадзырдта горæты администрацимæ.
"Мæскуыйаг" микрорайоны цæрджыты фылдæр хай ныридæгæн бафыстой æмбæлон бадзырдтæ", - банысан кодта мэр.
Цхинвалы цæтаггат кæрон 2008 азы хæсты фæстæ Мæскуыйы хицауады æххуысæй сарæзтæуыд "Мæскуыйаг" микрорайон. Цæрæнуатон фонд рацыд - 200 иу æмæ дыууæуæладзыгон коттеджы æмæ цалдæр æртæ æмæ цыппаруæладзыгон бирæфатерон хæдзары. Афтæ ма проекты фæлгæтты микрорайоны сарæзтой скъола æмæ дыууæ сабидоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0