Цхинвалы цӕрӕджы фӕивар кодтой 212 мин сомы бӕрц наркотиктӕ ӕвӕрыны тыххӕй

© Fotolia / ThodonalЦхинвалы цӕрӕджы фӕивар кодтой 212 мин сомы бӕрц наркотиктӕ ӕвӕрыны тыххӕй
Цхинвалы цӕрӕджы фӕивар кодтой 212 мин сомы бӕрц наркотиктӕ ӕвӕрыны тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 янв – Sputnik. Тӕрхондон фӕивар кодта Цхинвалы цӕрӕджы 212 мин сомы бӕрц психотропон буарадтӕ ӕмӕ гӕн ӕвӕрыны тыххӕй, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Милицийы кусджытӕ ӕрцахстой столицӕйы 32-аздзыд цӕрӕджы Цхинвалы 20-аздзыд цӕрӕгимӕ хылы фӕстӕ.
"Хисӕрмагонд басгӕрсты рӕстӕджы уымӕ ссардтой буарадтӕ "Лирика" ӕмӕ "Трамадол"-ы цыппар капсулӕ ӕмӕ ӕртӕ таблеткӕйы, афтӕ ма гӕн дӕр", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, уый размӕ нӕлгоймаджы фӕивар кодтой 8 мин сомы бӕрц, уымӕн ӕмӕ уый не сразы рацӕуын медицинон басгӕрст наркотикон буарадты фӕдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0