"Дамгъæ Æ" арт-объекты цур сæвæрдтой фæйнæг хидарыны фæтктимæ

© Photo : Фонд развития туризма Северной Осетии "Дамгъæ Æ" арт-объекты цур сæвæрдтой фæйнæг хидарыны фæтктимæ
Дамгъæ Æ арт-объекты цур сæвæрдтой фæйнæг хидарыны фæтктимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 дек – Sputnik. Цæгат Ирыстоны туризмы райрæзты фонд сæвæрдта популярон арт-объект "Дзамгъæ Æ"-йы цур фæйнæг хидарыны фæктимæ, хъусын кæны РЦИ-Аланийы туризмы комитет.
Фæтктæм гæсгæ, уазджытæн нæй бар халын мулк, ныууадзын объектыл фыстытæ æмæ нысæнттæ, бырон кæнын территори, афтæ ма цæуын конструкцийыл.
Ивгъуыд аз декабры вандалтæ фехæлдтой арт-объект "Дамгъæ Æ"-йы бындур æмæ ныппырх кодтой фæйнæджытæ. Туризмы райрæзты фонд сæххæст кодта реставрацион куыстытæ æмæ ранæуæг кодта фæйнæджытæ.
Фонды директор Гæбæраты Александр æрсидт гидтæ-экскурсоводтæм, цæмæй туристтимæ ныхас кæной æмæ ма уадзой халын мулк.
Ног хабӕртты лентӕ
0