РХИ ацæудзæн экономикæйы министрад æмæ таможнæйы комитеты минæвæртты фембæлд бизнесментимæ

© freepik / cookie_studioКалькулятор
Калькулятор - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 янв – Sputnik. Цхинвалы ног къуыри ацæудзæн Экономикон райрæзты министрад æмæ Таможнæйы комитеты минæвæртты фембæлд амалиуæггæнджытимæ, хъусын кæны республикæйы экономикон райрæзты министрады пресс-службæ.
Фембæлд ацæудзæн Анахарсисы номыл Национ библиотекæйы бæстыхайы 30 январы 12.00 сахатыл, æмæ дзы дзырд цæудзæн Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн базарады фæдыл Бадзырдмæ ивындзинæдтæ бахæссыныл.
"Мадзал нывонд уыдзæн Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн базарады фæдыл Бадзырдмæ ивындзинæдтæ бахæссыныл, кæцымæ гæсгæ ис уæлбар режим Уæрæсейы территорийæ Хуссар Ирыстоны территоримæ базайрæгтæ ласыны рæстæджы", - банысан кодтой уагдоны.
Хуссар Иры хицауад райста чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуысы фæдыл программæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.01.2024
Хуссар Иры хицауад райста чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуысы фæдыл программæ
Ног хабӕртты лентӕ
0