Уӕрӕсе зынгӕ фӕфылдӕр кодта хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджыты рауагъдад – Шойгу

© Пресс-служба Минобороны РФ /  Ахизын медиабанкмæСергей Шойгу
Сергей Шойгу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 янв – Sputnik. Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынадон сӕудӕджерад фӕфылдӕр кодта хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджыты рауагъдад, фехъусын кодта хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгу.
Министр банысан кодта, ахӕм фӕстиуӕг бантыст сӕххӕст кӕнын бирӕ куыстуӕтты ног цехтӕ ӕмӕ хӕххытӕ бакӕныны фӕрцы, афтӕ ма бирӕнымӕц квалификацигонд специалистты ӕрбадахын ӕмӕ кӕцыдӕр куыстуӕтты ӕрвыл суткӕйы куысты графикмӕ рахизыны руаджы.
"Техникӕ ӕмӕ хӕцӕнгарз рӕстӕгыл хццӕ кӕны сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы зонӕмӕ, уымӕй фылдӕр кӕны ӕфсӕдты хӕстон гуырахст", - бафтыдта Сергей Шойгу.
УФ æфсæддон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.10.2023
Уæрæсейы Генштабмæ нæй нывæстытæ уæлæмхасæн мобилизацийы фæдыл – Шойгу
Ног хабӕртты лентӕ
0