Гаглойты Алан раарфæ кодта паддзахадон регистраци, кадастр æмæ картографийы Службæйæн

© PhotoГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 янв – Sputnik. Паддзахадон регистраци, кадастр æмæ картографийы Службæ ссис Хуссар Ирыстоны паддзахадон системæйы ахсджиаг хай, банысан кодта республикæйы президент Гаглойты Алан йæ арфæйы ныхасы уагдоны кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн.
"Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн! Паддзахадон регистраци, кадастр æмæ картографийы Службæ ссис Хуссар Ирыстоны паддзахадон системæйы ахсджиаг хай. Цыбыр æмгъуыдмæ сымах равдыстат бæрзонд профессионализм æмæ компетенци, æрæмбырд кодтат бирæ информаци, кæцы æнæмæнгхъæугæ у бирæ хæслæвæрдтæ скъуыддзаг кæнынæн", - банысан кодта президент.
Паддзахады разамонæджы зæрдæ загъта уагдоны кусджытæн фидар æнæниздзинад, амонд æмæ æнтыстытæ сæ профессионалон архайды.
Ног хабӕртты лентӕ
0