Хуссар Иры милицийы кусджытæ ссардтой цалдæр боны размæ фесæфæг сабийы

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ МХМ
РХИ МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ ссардтой дыууæаздзыд лæппуйы, кæцы фесæфт цалдæр боны размæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Ивгъуыд æртыццæджы милицимæ æрбадзырдта столицæйы 31-аздзыд сылгоймаг. Уый фехъусын кодта, йæ раздæры æмкъай кæй акодта сæ дыууæаздзыд лæппуйы æмæ нал хизы бастдзинадмæ. Сылгоймаг мæт кодта сабийы цардыл, уымæн æмæ уый рынчын у астмæйæ.
Сывæллоны æрбаздæхтой мадмæ хуыцаубоны изæр – лæппу у æнæниз.
Ног хабӕртты лентӕ
0