ЦÆК срегистраци кодта Путины Уæрæсейы президенты бынатмæ кандидатæй

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæЦÆК
ЦÆК  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 янв – Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы Централон æвзарæн къамис (ЦÆК) срегистраци кодта Владимир Путины Уæрæсейы президенты бынатмæ кандидатæй 2024 азы марты æвзæрстыты, хъусын кæны РИА Новости.

"Срегистраци кæнын Уæрæсейы Федерацийы президенты бынатмæ кандидатæй Владимир Владимиры фырт Путины 29 январы 11.23 сахатыл", - дзырдæуы ЦÆК уынаффæйы.

Федерацийы Совет снысан кодта президенты æвзæрстытæ 2024 азы 17 мартмæ. Хъæлæскæнынад цæудзæн æртæ боны дæргъы: 15, 16 æмæ 17 марты. Ныртæккæ паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ ис 11 претенденты.
Ног хабӕртты лентӕ
0