Хъорнисы хъæуы фæуд кæны хиды арæзтад – Хуссар Иры Комавтодоры разамонæг

© Sputnik / Наталья АйриянХъорнис
Хъорнис - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 янв - Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Хъорнисы хъæуы фæуд кæны хиды арæзтад, фехъусын кодта Sputnik-æн автомобилон фæндæгты арæзтады фæдыл комитеты сæргълæууæг Гæбæраты Алан.
Ног хиды арæзтад нывæсты уыд 2025 азмæ, фæлæ ивгъуыд аз сæрды тæрккъæвдаты фæстæ хид банымадтой тæссагыл æмæ йæ сæхгæдтой автотранспорты змæлдæн. Уæд аразджытæ сæвæрдтой рæстæгмæ ахизæн дæр. Зæронд хиды демонтаж æмæ ног саразыны фæдыл арæзтадон куыстытæ райдыдтой 2023 азы фæззæджы.
"Æввахс рæстæджы фæуыдзысты бетонон куыстытæ, уый фæстæ сæххæст кæндзыстæм хидмæ бацæуæны хæрзарæзтадон куыстытæ. Стæй та нывæндæм сæвæрын асфальт æмæ æнцойгæрæнтæ", - загъта Гæбæраты Алан.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, объект ратдзысты эксплуатацимæ уалдзæджы.
Хид иу кæны районы хъæутæ (Хъорнис, Цъорбис, Сихиат æмæ Æлыгуат) республикон трассæ Цхинвал-Знауыримæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0