Хуссар Иры æфсæддонты сахуыр кæндзысты дронтимæ кусын

© Sputnik / Станислав Красильников /  Ахизын медиабанкмæДрон
Дрон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады сæрмагонд нысаниуæджы батальоны кусджытæ райдыдтой ахуыр кæнын æнæпилотон тæхæг аппараттимæ кусын, фехъусын кодта уагдоны пресс-службæ.

"Теоретикон ахуырты нывæстмæ гæсгæ, æфсæддонтæ ахуыр кæнынц дронты куысты принцип, афтæ ма навигаци æмæ техникон ифтонггарз", - радзырдтой министрады.

Хæстонтæ ахуыр кæнынц пайда кæнын дронтæй уагдоны æфсæддон полигоныл, уым ма сæ курдиат фылдæр кæнынц дронты фæлтæрд оператортæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0