Таможнæйы комитеты разамонæг: таможнæйон фиддонтæ баззадысты раздæры æмвæзадыл

© Аманда ТомаеваРеспубликæ Хуссар Ирыстоны Экономикон райрæзты министрад, Таможнæйы комитет æмæ республикæйы амалиуæггæнджыты фембæлд
Республикæ Хуссар Ирыстоны Экономикон райрæзты министрад, Таможнæйы комитет æмæ республикæйы амалиуæггæнджыты фембæлд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 янв – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссарирыстойнаг таможнæйыл фиддонты бæрц баззад раздæры æмвæзадыл. Уый тыххæй амалиуæггæнджытимæ фембæлды рæстæджы фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Таможнæйы комитеты разамонæг Цоциты Александр.
"Уый раст информаци нæу, ома Ног азы фæстæ таможнæйы фæфылдæр кодтой НДС, фылдæр фиддонтæ кæй райдыдтам исын æмæ афтæ дарддæр. Махæн ницы фæивта фиддонты фæдыл. Экспортон хъалонты тыххæй та æз дæр сымахау ныхас кæнын брокертимæ", - банысан кодта комитеты сæргълæууæг.
Уæрæсейы хицауад 2023 азы 1 октябрæй бакодта уæлæмхасæн хъалонтæ сыхаг бæстæтæн, сæ нымæцы ХУссар Ирыстон æмæ Абхаз дæр. Уый фæстæ республикæйы зынгæ фæфылдæр сты продуктты æргътæ. Ивгъуыд аз 30 декабры Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон бафыстой протокол хъалонтæ аивыны фæдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0