УФ регионты уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иу æхсæвмæ скуынæг кодтой 21 украинæйаг дроны

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæУФ регионты уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иу æхсæвмæ скуынæг кодтой 21 украинæйаг дроны
УФ регионты уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иу æхсæвмæ скуынæг кодтой 21 украинæйаг дроны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 янв - Sputnik. Уæрæсейы уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ дысон æхсæв скуынæг кодтой 21 украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты Хъырым, Белгород, Брянск, Калуга æмæ Тулайы областты, фехъусын кодта РИА Новости УФ Хъахъхъæнынады министрадыл æнцойгæнгæйæ.
"Ивгъуыд æхсæв Киевы режим æнæпилотон тæхæг аппараттæй фæнд кодта атакæ скæнын Уæрæсейы Федерацийы территорийыл объекттæ", - загътой уагдоны.
Хъахъхъæнынады министрады банысан кодтой, Хъырымы сæрмæ кæй æрыппæрстой 11 дроны, Белгороды областы – фондз, Брянскы областы – æртæ, фæйнæ дроны та скуынæг кодтой Калуга æмæ Тулайы областты.
Ног хабӕртты лентӕ
0