Белгороды област иу суткӕмӕ 20 хатты атакӕ скодтой дронтӕ – Гладков

© Photo : Пресс-служба губернатора Белгородской областиБелгороды област иу суткӕмӕ 20 хатты атакӕ скодтой дронтӕ
Белгороды област иу суткӕмӕ 20 хатты атакӕ скодтой дронтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 янв – Sputnik. Белгороды област ивгъуыд суткӕйы дӕргъы 20 хатты атакӕ скодтой украинӕйаг дронтӕ, зианбаййафджытӕ нӕй, фехъусын кодта губернатор Вячеслав Гладков.
"Украинӕйаг ӕфсӕддонтӕ фехстой авд арӕнгӕрон районы. Иу бонмӕ рауагътой 49 сармадзаны артилеррийӕ, 6 рӕмудзӕн ӕрмӕджы ӕрыппӕрстой дронтӕй, 16 атакӕ та уыдысты дронтӕ-камикадзетӕй, уыдонӕй фондз скуынӕг кодтой", - ныффыста губернатор йӕ Telegram-каналы.
Гладков банысан кодта, атакӕйы бын кӕй уыдысты хъӕутӕ: Устинка, Журавлевке, Щетиновка, хутор Лозовая Рудка, Богун-Городок, Вериговка, Старый Хутор, Дроновка, Новостроевка-Вторая, Мокрая Орловка, Безымено, Панков, Новая Таволжанка, Середа, Теребрено, Колотиловка ӕмӕ Задорожный.
Ног хабӕртты лентӕ
0