Хуссар Иры культурӕйы министрад баххуыс кӕндзӕн йӕ абхазаг коллегӕтӕн

© Sputnik / Ада БагианХуссар Иры культурӕйы министрад баххуыс кӕндзӕн йӕ абхазаг коллегӕтӕн
Хуссар Иры культурӕйы министрад баххуыс кӕндзӕн йӕ абхазаг коллегӕтӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрады ӕмӕ йӕ дӕлбар уагдӕтты расидтысты фӕрӕзты ӕмбырд, цӕмӕй баххуыс кӕной Абхазӕн сӕ Национ нывты галерейы уӕлвӕткон цауы фӕстӕ, хъусын кӕны министрады пресс-службӕ.
Зынгсирвзты фӕстиуӕгӕн басыгъд Абхазы культурон бынты егъау хай. Цыппар мин куыстӕй баззадысты ӕрмӕстдӕр 150.
"Ахӕм уавӕрты нӕй гӕнӕн скомпенсаци кӕнын зиӕнттӕ, кӕцытӕ бавзӕрста ӕфсымӕрон республикӕ. Фӕлӕ Хуссар Ирыстоны культурӕйы архайджытӕ нывӕндынц баххуыс кӕнын ацы уӕззау рӕстӕджы Абхаз ӕмӕ йӕ адӕмӕн", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Ӕрӕмбырдгонд фӕрӕзтӕ ӕрвыст цӕудзысты сӕрмагонд хыгъдмӕ, кӕцы бакодтой ног эспонаттӕ балхӕнынӕн, бахахх кодтой республикӕйы культурӕйы министрады.
Ног хабӕртты лентӕ
0