Хуссар Иры МХМ кусæг баххуыс кодта æххуысхъуаг бинонты сабитæн

© Photo : МВД Республики Южная ОсетияХуссар Иры МХМ кусæг баххуыс кодта æххуысхъуаг бинонты сабитæн
Хуссар Иры МХМ кусæг баххуыс кодта æххуысхъуаг бинонты сабитæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) кусæг Уалыты Зæринæ радта къахыдарæсы 80 фæлысты æмæ дзауматы 50 комплекты сывæллæттæн горæты мидхъуыддæгты хайады æнахъомты фæдыл фæткдаруатмæ.
Республикæйы МХМ пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй уый фыццаг хæрзаудæн акци нæу Уалыты Зæринæйæн.
"Хæрзаудынад у хорз зæрдæйы нысан. Стыр бузныг дзурын Зæринæйæн уæззау уавæрты бахауæг бинонты номæй йе ‘ххуысы тыххæй. Хорз ахаст дарын адæммæ тынг апарахат ис нæ бæстæйы, уый та дæтты ныфс ирд сомбонмæ", - загъта æнахъомты фæдыл фæткдаруаты хистæр Гататы Лали.
Министрады банысан кодтой, дзауматæ ныридæгæн кæй фæхæццæ кодтой сывæллæттæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0