https://sputnik-ossetia.com/20240131/tskhinvaly-svrdzysty-nomdzyd-iron-rukhstaudzhy-byust-27816753.html
Цхинвалы сæвæрдзысты номдзыд ирон рухстауæджы бюст
Цхинвалы сæвæрдзысты номдзыд ирон рухстауæджы бюст
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 31 янв – Sputnik. Цхинвалы Фырсыгъдæг Мады Майрæмы Аргъуаны раз скверы сæвæрдзысты Ирыстоны номдзыд æхсæнадон-культурон архайæг Джиоты Христофоры... 31.01.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-01-31T11:13+0300
2024-01-31T11:13+0300
2024-01-31T11:13+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
культурӕ
цхинвалы администраци
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/08/1c/11076973_0:73:1024:649_1920x0_80_0_0_ab6a08f440ca1969db170ff5ca102607.jpg
ЦХИНВАЛ, 31 янв – Sputnik. Цхинвалы Фырсыгъдæг Мады Майрæмы Аргъуаны раз скверы сæвæрдзысты Ирыстоны номдзыд æхсæнадон-культурон архайæг Джиоты Христофоры (Пора) бюст, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны столицæйы администрацийы пресс-службæ.Горæты мэрияйы куыд банысан кодтой, афтæмæй Джиотæ, Гиотæ æмæ Дзиоты мыггæгты фонд æрбадзырдта уынгтæ, фæзуæттæ, сквертæ æмæ цыртдзæвæнтæ æвæрыны фæдыл къамисмæ, цæмæй сын рахицæн кæной зæххы фадыг Порайы бюст сæвæрынæн.Къамис рахаста æвæрццаг скъуыддзаг ацы куырдиаты фæдыл.Цхинвалы администрацийы бафтыдтой, зæгъгæ, Джиоты мыггаг бюст саразыны фæдыл хæрдзтæ иууылдæр райста йæхимæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/08/1c/11076973_0:0:1024:768_1920x0_80_0_0_56a5ecabe2cc48e5002a7dac0f1d3ccb.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ, цхинвалы администраци
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ, цхинвалы администраци
Цхинвалы сæвæрдзысты номдзыд ирон рухстауæджы бюст
ЦХИНВАЛ, 31 янв – Sputnik. Цхинвалы Фырсыгъдæг Мады Майрæмы Аргъуаны раз скверы сæвæрдзысты Ирыстоны номдзыд æхсæнадон-культурон архайæг Джиоты Христофоры (Пора) бюст, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны столицæйы администрацийы пресс-службæ.
Горæты мэрияйы куыд банысан кодтой, афтæмæй Джиотæ, Гиотæ æмæ Дзиоты мыггæгты фонд æрбадзырдта уынгтæ, фæзуæттæ, сквертæ æмæ цыртдзæвæнтæ æвæрыны фæдыл къамисмæ, цæмæй сын рахицæн кæной зæххы фадыг Порайы бюст сæвæрынæн.
"Йæ фыстæджы мыггæгты фонд ракуырдта рахицæн кæнын зæххы фадыг, цæмæй сæвæрой Ирыстоны номдзыд æхсæнадон-культурон архайæг, динамонæг æмæ рецензент Джиоты Христофоры бюст. Советон хицауады рæстæджы уый хайад иста бæстæзонынады музейы арæзтады Хуссар Ирыстоны, бындур æрæвæрдта Цхинвалы педагогон ахуыргæнæндонæн æмæ уыд йæ фыццаг разамонæг. Афтæ ма Пора уыд Хетæгкаты Къостайы "Ирон фæндыр"-ы рецензент", - банысан кодтой горæты администрацийы.
Къамис рахаста æвæрццаг скъуыддзаг ацы куырдиаты фæдыл.
Цхинвалы администрацийы бафтыдтой, зæгъгæ, Джиоты мыггаг бюст саразыны фæдыл хæрдзтæ иууылдæр райста йæхимæ.