Ирон æвзаг, истори æмæ культурæ: ПТРК "Ир"-ы рацæудзæн ног проект "Зонды Зилахар"

© Sputnik / Natalia AiriyanПТРК Ир
ПТРК Ир - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 фев – Sputnik, Нина Мохаммад. Хуссар Ирыстоны паддзахадон телерадиокомпанийы рацæудзæн ног интеллектуалон проект "Зонды Зилахар", фехъусын кодта Sputnik-æн ПТРК "Ир" сæйраг редактор Козаты Дзерассæ.
Шоуы автортæ сты Мамиты Гри æмæ Бестауты Юлия, кæцытæ аразынц егъау проекттæ 11 азы дæргъы. Козаты Дзерассæйы ныхæстæм гæсгæ, ног программæйы хайад райсдзысты столицæ æмæ районты хистæркъласонтæ – уый тыххæй уыдон рацыдысты дыууæбонон кастинг.
"Проект у ирон æвзагыл. Скъоладзаутæм æнхъæлмæ кæсынц темæтæ истори, литературæ æмæ зонады фæдыл. Алкæцы хайадисæг скъола дæр бацæттæ кодта фондз адæймаджы скондæй командæ. Программæйы иу алæвæрды хайад исдзысты цыппар командæйы. Æдæппæт проекты хайад райсынæн равзæрстой 16 командæйы", - радзырдта Козаты Дзерассæ.
Проект фæуыдзæн 15 майы Ирон æвзаг æмæ литературæйы Бон.
Ног хабӕртты лентӕ
0