Хуссар Иры Контролон-нымайӕн палатӕйы хатдзӕгтӕ скодтой 2023 азы куыстӕн

© freepik / pressfotoХуссар Иры Контролон-нымайӕн палатӕйы хатдзӕгтӕ скодтой 2023 азы куыстӕн
Хуссар Иры Контролон-нымайӕн палатӕйы хатдзӕгтӕ скодтой 2023 азы куыстӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 фев - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Контролон-нымайӕн палатӕйы хатдзӕгтӕ скодтой 2023 азы архайдӕн ӕмӕ снысан кодтой куысты нывӕст ацы азы фыццаг хаймӕ. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн фехъусын кодта уагдоны пресс-секретарь Тъехты Сима.
"Контролон-нымайӕн палатӕ ивгъуыд аз ӕххӕст кодта Хуссар Ирыстоны финансон-бюджетон къабазы законад сфидар кӕныны фӕдыл мадзӕлттӕ. Республикӕйы куыстуӕттӕ, уагдӕттӕ ӕмӕ организациты иу азмӕ уагъд ӕрцыд 27 контролон мадзалы, уыдонӕй 22 бакодтой кӕронмӕ", - банысан кодта пресс-секретарь.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, контролон мадзӕлттӕ фӕстӕ арӕзт цыд басгӕрсты хатдзӕгон документ, кӕцыйы фыст уыдысты ссаргӕ фиппаинӕгтӕ.
Уагдоны 2024 азы фыццаг ӕмбисы куысты нывӕст уый размӕ фӕхӕццӕ кодтой коллегийы уӕнгтӕм, цӕмӕй йӕ сахуыр кӕной ӕмӕ дзы бахӕссой ивындзинӕдтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0