Цхинвалы цæрæг сылгоймагæн фæстæмæ радтой йæ сабиты, кæцыты æмбæхста йæ раздæры æмкъай

© Пресс-служба МВД РЮОЦхинвалы цæрæг сылгоймагæн фæстæмæ радтой йæ сабиты, кæцыты æмбæхста йæ раздæры æмкъай
Цхинвалы цæрæг сылгоймагæн фæстæмæ радтой йæ сабиты, кæцыты æмбæхста йæ раздæры æмкъай - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 фев – Sputnik. Цхинвалы цæрæг сылгоймагæн фæстæмæ радтой йæ æнахъом сабиты, кæцыты æмбæхста йæ раздæры æмкъай, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
МХМ радгæсон хайадмæ æртыццæджы бонæй æрбадзырдта Цхинвалы 31-аздзыд цæрæг сылгоймаг. Уый фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ раздæры æмкъай горæты 41-аздзыд цæрæг, æрбацыд уымæ хæдзармæ æмæ йæ тæрсын кæны. Нæлгоймаг фехста йæ раздæры æмкъайы къах, уый фæстæ йемæ акодта сабиты.

"Мадæн радтой йæ дыууæ сабийы, кæцыты æмбæхста йæ раздæры æмкъай", - банысан кодтой пресс-службæйы.

Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, милици дарддæр уадзы мадзæлттæ зæрдæхсайгæ нæлгоймаджы ссарыны фæдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0