Хуссар Иры МХМ хатдзӕгтӕ скодта ивгъуыд азы куыстӕн

© Sputnik / Олег ДжагаевЗаседание коллегии МВД РЮО
Заседание коллегии МВД РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 фев – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Цхинвалы ацыд Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) коллегийы рабадт, кӕцыйы рӕстӕджы уагдон хатдзӕгтӕ скодта 2023 азы архайдӕн. Мадзалы хайад райста республикӕйы къухдариуӕгад президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй.
Рабадты рӕстӕджы докладтимӕ ралӕууыдысты МХМ сӕргълӕууӕг Гуыцмӕзты Алан ӕмӕ йӕ хӕдивӕг Плиты Игорь.
Министры хӕдивӕг банысан кодта, 2023 азы 135 фыдракӕндӕй раргом кодтой 110.
Плиты Игорь ма бахахх кодта, барадхъахъхъӕнӕг уагдоны приоритетон здӕхттӕй иу кӕй у наркотикты ӕнӕзаконон зылды ныхмӕ тох.
"Ивгъуыд аз ахӕм цауты фӕдыл бакондӕуыд 11 уголовон хъуыддаджы. Уыдон хауынц республикӕмӕ буарад "Габапентин" ӕмӕ йӕ аналогты ӕнӕзаконон ӕрласт, ӕвӕрын ӕмӕ пайда кӕныны фӕдыл", - банысан кодта Плиты Игорь.
Гаглойты Алан бузныг загъта МХМ кусджытӕн сӕ архайды тыххӕй ивгъуыд аз, афтӕ ма уый дӕр банысан кодта наркотикты ныхмӕ тохы ахсджиагдзинад.
"Уый у тынг ахсджиаг фарст не 'хсӕнад ӕмӕ паддзахады райрӕзтӕн. Мах зонӕм, МХМ ныридӕгӕн кӕй бацӕттӕ кодта йӕ хъӕппӕристӕ ацы проблемӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн. Президент ӕмӕ хицауад хорзыл нымайынц ацы хъӕппӕристӕ, сӕ нымӕцы фӕкарздӕр кӕнын ӕфхӕрд гоймӕгтӕн, кӕцытӕ ласынц, уӕй кӕнынц ӕмӕ пайда кӕнынц наркотиктӕй", - загъта президент.
Президент ма фехъусын кодта барадхъахъхъӕнӕг уагдоны къухдариуӕгад ӕмӕ кусджытӕн, министрады кадрон сконды оптимизаци кӕй цӕудзӕн ӕнӕ стыр зиӕнттӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0