Митуард нæ фехæлдта бастдзинад хъæутимæ, Транскам сæхгæдтой уæзласæн хæдтулгæты змæлдæн

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 фев – Sputnik, Гæбæраты Элина. Митуард нæ фехæлдта фæндагон бастдзинад Хуссар Ирыстоны районтимæ, фехъусын кодта РХИ автомобилон фæндæгты арæзтады комитеты сæргълæууæг Гæбæраты Алан.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Комавтодоры кусджытæ æнæхъæн æхсæв куыстой республикон трассæтæ ссыгъдæг кæныныл, цæмæй сæ райсоммæ æркæной æмбæлон уагмæ.
"Ныртæккæ фæндагон бастдзинад нæ фехæлд дæрддзæф хъæутимæ. Техникæ архайы æппæт трассæтыл, кæцытæ иу кæнынц районтæ столицæимæ", - банысан кодта Гæбæраты Алан.

Транскамы уавæр

Комавтодоры сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, иууыл тæссагдæр здæхт у Транскавказаг автомагистраль.
"Траскамы бахъуыд арæнæвæрдтæ сæвæрын уæзласæн хæдтулгæты змæлдыл. Изæрмæ уавæр гæнæн ис февзæрдæр уа æмæ бахъæуа сæхгæнын фæндаг", - бафтыдта уый.
Фæндагон службæтæ сидынц шофыртæм, цæмæй æххæст кæной æдасдзинады домæнтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0